29.11.2021
«Ног азы барагбон»
Воспитатель по родному ( осетинскому) языку
НОГ АЗЫ БӔРӔГБОН
ЦӔТТӔГӔНӔН КЪОРДЫ
САБИТӔН
БАЦӔТТӔ ЙӔ КОДТА:
БЕСЛÆНЫ 8-ӔМ РӔВДАУӔНДОНЫ
ИРОН ӔВЗАДЖЫ ХЪОМЫЛГӔНӔГ
Бадзиаты Аллæ
Музыкалон зал бӕрӕгбонмӕ фӕлыстгонд, лӕууы Ног азы зазбӕлас. Ирон фӕндырдзагъдмӕ ӕрбацыдысты сабитӕ, ссардтой сӕ бынӕттӕ. Кулисӕтӕй рахыст «Зымӕг»
ЗЫМӔГ: Уары мит, сыгъдӕг мит уары,
Бӕстӕ у сыгъдӕг, сыгъдӕг.
Чидӕр дард кӕмдӕр ныззары,-
Миты цинӕй зары лӕг.
Растад миты рухсмӕ Ног аз,
Бабадт урс-урсид бӕхыл.
Чи йын хион у, чи – зонгӕ
Ацы зӕдбадӕн зӕххыл.
Уӕ, сызгъӕрин феста, уастӕн,
Цас цинтӕ ӕрхаста, цас!
Уӕлӕ ́ рзади горӕт астӕу
Стыр ӕргъӕуӕфтыд бӕлас.
Бӕлас рухс тӕмӕнтӕ калы,-
Ахӕм бӕлас ма кӕм и!
Раст йӕ цъуппӕй худы стъалы,
Мӕ йӕ хихтӕй згъӕлы мит.
Ахӕм рухс ӕхсӕв ыссары
Амонд адӕмы ́ хсӕн лӕг.
Чидӕр зары ӕмӕ зары,
Дуне у сыгъдӕг, сыгъдӕг…
— Базыдтат мӕ, сабитӕ? Чи дӕн, сымахмӕ гӕсгӕ? Нӕ, ӕз Митӕ нӕ дӕн. Ӕз дӕн Зымӕг. Тынг рагӕй уӕм мӕхи цӕттӕ кодтон, хъарм хур бонтӕ мӕ сымахмӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ сыл ӕз фӕтых дӕн, ӕмӕ уӕм мӕнӕ, кӕдӕй-уӕдӕй, ӕрбахӕццӕ дӕн! Зӕгъут-ма ӕргом, ӕнхъӕлмӕ мӕм кастыстут? Ме ́ рбацыд уын ӕхсызгон у? Ӕз дӕр уыл фаронӕй нырмӕ тынг ӕнкъард кодтон. Цӕй, уӕдӕ нӕ зӕрдиаг фембӕлд хъӕлдзӕг зарӕгӕй саив кӕнӕм!
1. Зарӕг «Зымӕг»
ЗЫМӔГ: — Сабитӕ, нӕ зазбӕлас уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Мах Митӕимӕ тынг архайдтам, цӕмӕй сымахӕй рӕсугъддӕр зазбӕлас макӕмӕ уа! Ӕркӕсут-ма, цас хъазӕнтӕ йыл бакодтам!
— Фӕлӕуут ма! Мӕнӕ ацы ран Митӕ хъуамӕ ӕрцауыгътаид ӕппӕты рӕсугъддӕр хъазӕн, ӕмӕ ныр дӕр нӕма и! Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ ары. Митӕ! Цы фӕдӕ? Нӕ мӕ хъусы. Сабитӕ, иумӕ ма йӕм фӕдзурӕм, кӕд нӕ афтӕмӕй фехъусид.
Дзурынц иумӕ: «Митӕ!» разгъордта Митӕ, йӕ къухы хъазӕн
МИТӔ: — Уӕ бон хорз, сабитӕ! Бахатыр кӕнут, кӕй байрӕджы кодтон, уый тыххӕй. Дада ацы хъазӕн афтӕ бирӕ уарзы, асӕттынӕй йын афтӕ тынг тӕрсы, ӕмӕ йӕ скъаппы ӕппӕты уӕллаг тӕрхӕгыл бамбӕхста. Тыххӕй йӕ ссардтон! (Ауындзы хъазӕн) Ӕмӕ нӕ цырӕгътӕ та цӕуылнӕ судзынц? Уый хорз нӕу!
Алыхуызон стъалытӕй тӕмӕн калынц цырӕгътӕ.
Иумӕ зӕгъӕм, сабитӕ: «Зазбӕлас, ссудз!»
ИУМÆ: — Зазбӕлас, ссудз!
Зазбӕласы цырӕгътӕ ссыгъдысты. Митӕ йӕ арм йӕ ныхыл авӕрдта
ЗЫМӔГ: — Цы кӕныс, Митӕ, дӕ рустӕ мӕлӕты сырх сты?!
МИТӔ: — Афтӕ тагъд згъордтон, афтӕ стӕвд дӕн, ӕмӕ мӕ атайынмӕ бирӕ нал хъӕуы!
ЗЫМӔГ: — Ма тӕрс, Митӕ. Ныртӕккӕ дӕ ӕз мӕ миты гӕлӕбутимӕ ӕруазал кӕндзынӕн. Кӕм стут, мӕ гыццыл ӕххуысгӕнджытӕ? Ратӕхут мӕм цырддӕр, Митӕйӕн баххуыс кӕнӕм!
2. Миты гӕлӕбуты кафт
МИТӔ: — Бузныг уын, мӕ хӕлӕрттӕ! Ныр мӕ уд ме ́ муд ӕрцыд.
ЗЫМӔГ: — Митӕ, ӕмӕ Дада та кӕм ис, цӕмӕн фӕстиат кӕны?
МИТӔ: — Нӕ зонын. Ӕз хъазӕн куы агуырдтон, уӕд уый та сабитӕн лӕвӕрттӕ цӕттӕ кодта. Бӕргӕ йӕм фӕкастаин, фӕлӕ мын уӕд бӕрӕгбонмӕ бынтон байрӕджы уыдаид.
Хъуысы музыкӕ. Рацыд Мит
Оценить
574
Содержимое разработки
НОГ АЗЫ БӔРӔГБОН
ЦӔТТӔГӔНӔН КЪОРДЫ
САБИТӔН
БАЦӔТТӔ ЙӔ КОДТА:
БЕСЛÆНЫ 8-ӔМ РӔВДАУӔНДОНЫ
ИРОН ӔВЗАДЖЫ ХЪОМЫЛГӔНӔГ
Бадзиаты Аллæ
Музыкалон зал бӕрӕгбонмӕ фӕлыстгонд, лӕууы Ног азы зазбӕлас. Ирон фӕндырдзагъдмӕ ӕрбацыдысты сабитӕ, ссардтой сӕ бынӕттӕ. Кулисӕтӕй рахыст «Зымӕг»
ЗЫМӔГ: Уары мит, сыгъдӕг мит уары,
Бӕстӕ у сыгъдӕг, сыгъдӕг.
Чидӕр дард кӕмдӕр ныззары,-
Миты цинӕй зары лӕг.
Растад миты рухсмӕ Ног аз,
Бабадт урс-урсид бӕхыл.
Чи йын хион у, чи – зонгӕ
Ацы зӕдбадӕн зӕххыл.
Уӕ, сызгъӕрин феста, уастӕн,
Цас цинтӕ ӕрхаста, цас!
Уӕлӕ ́ рзади горӕт астӕу
Стыр ӕргъӕуӕфтыд бӕлас.
Бӕлас рухс тӕмӕнтӕ калы,-
Ахӕм бӕлас ма кӕм и!
Раст йӕ цъуппӕй худы стъалы,
Мӕ йӕ хихтӕй згъӕлы мит.
Ахӕм рухс ӕхсӕв ыссары
Амонд адӕмы ́ хсӕн лӕг.
Чидӕр зары ӕмӕ зары,
Дуне у сыгъдӕг, сыгъдӕг…
— Базыдтат мӕ, сабитӕ? Чи дӕн, сымахмӕ гӕсгӕ? Нӕ, ӕз Митӕ нӕ дӕн. Ӕз дӕн Зымӕг. Тынг рагӕй уӕм мӕхи цӕттӕ кодтон, хъарм хур бонтӕ мӕ сымахмӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ сыл ӕз фӕтых дӕн, ӕмӕ уӕм мӕнӕ, кӕдӕй-уӕдӕй, ӕрбахӕццӕ дӕн! Зӕгъут-ма ӕргом, ӕнхъӕлмӕ мӕм кастыстут? Ме ́ рбацыд уын ӕхсызгон у? Ӕз дӕр уыл фаронӕй нырмӕ тынг ӕнкъард кодтон. Цӕй, уӕдӕ нӕ зӕрдиаг фембӕлд хъӕлдзӕг зарӕгӕй саив кӕнӕм!
-
Зарӕг «Зымӕг»
ЗЫМӔГ: — Сабитӕ, нӕ зазбӕлас уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Мах Митӕимӕ тынг архайдтам, цӕмӕй сымахӕй рӕсугъддӕр зазбӕлас макӕмӕ уа! Ӕркӕсут-ма, цас хъазӕнтӕ йыл бакодтам!
— Фӕлӕуут ма! Мӕнӕ ацы ран Митӕ хъуамӕ ӕрцауыгътаид ӕппӕты рӕсугъддӕр хъазӕн, ӕмӕ ныр дӕр нӕма и! Ӕвӕццӕгӕн ӕй нӕ ары. Митӕ! Цы фӕдӕ? Нӕ мӕ хъусы. Сабитӕ, иумӕ ма йӕм фӕдзурӕм, кӕд нӕ афтӕмӕй фехъусид.
Дзурынц иумӕ: «Митӕ!» разгъордта Митӕ, йӕ къухы хъазӕн
МИТӔ: — Уӕ бон хорз, сабитӕ! Бахатыр кӕнут, кӕй байрӕджы кодтон, уый тыххӕй. Дада ацы хъазӕн афтӕ бирӕ уарзы, асӕттынӕй йын афтӕ тынг тӕрсы, ӕмӕ йӕ скъаппы ӕппӕты уӕллаг тӕрхӕгыл бамбӕхста. Тыххӕй йӕ ссардтон! (Ауындзы хъазӕн) Ӕмӕ нӕ цырӕгътӕ та цӕуылнӕ судзынц? Уый хорз нӕу!
Алыхуызон стъалытӕй тӕмӕн калынц цырӕгътӕ.
Иумӕ зӕгъӕм, сабитӕ: «Зазбӕлас, ссудз!»
ИУМÆ: — Зазбӕлас, ссудз!
Зазбӕласы цырӕгътӕ ссыгъдысты. Митӕ йӕ арм йӕ ныхыл авӕрдта
ЗЫМӔГ: — Цы кӕныс, Митӕ, дӕ рустӕ мӕлӕты сырх сты?!
МИТӔ: — Афтӕ тагъд згъордтон, афтӕ стӕвд дӕн, ӕмӕ мӕ атайынмӕ бирӕ нал хъӕуы!
ЗЫМӔГ: — Ма тӕрс, Митӕ. Ныртӕккӕ дӕ ӕз мӕ миты гӕлӕбутимӕ ӕруазал кӕндзынӕн. Кӕм стут, мӕ гыццыл ӕххуысгӕнджытӕ? Ратӕхут мӕм цырддӕр, Митӕйӕн баххуыс кӕнӕм!
-
Миты гӕлӕбуты кафт
МИТӔ: — Бузныг уын, мӕ хӕлӕрттӕ! Ныр мӕ уд ме ́ муд ӕрцыд.
ЗЫМӔГ: — Митӕ, ӕмӕ Дада та кӕм ис, цӕмӕн фӕстиат кӕны?
МИТӔ: — Нӕ зонын. Ӕз хъазӕн куы агуырдтон, уӕд уый та сабитӕн лӕвӕрттӕ цӕттӕ кодта. Бӕргӕ йӕм фӕкастаин, фӕлӕ мын уӕд бӕрӕгбонмӕ бынтон байрӕджы уыдаид.
Хъуысы музыкӕ. Рацыд Митын деда, йӕ къухы фыстӕг.
Сӕрӕй ӕркъуырдта Зымӕгмӕ, Митӕмӕ
МИТЫН ДЕДА: — Зымӕг!
— Митӕ! (Йе ́ ргом сывӕллӕттӕм здахы)
— Уӕ бон хорз, сабитӕ! Уӕ рӕвдауӕндон уын тых-амӕлттӕй ссардтон! Хорз, ӕмӕ мӕ зонгӕ постхӕссӕгыл амбӕлдтӕн. Бицъкойӕ зӕгъын. Нӕ йӕ зонут? Йӕ хӕрӕг Хъилхъусимӕ мӕ размӕ фесты. Ӕндӕр ма ныр дӕр Алагиры уынгты зылдтӕ здухин!
ЗЫМӔГ: — Æмӕ цы ́ рцыди, Митын деда, афтӕ ӕхсызгонӕй нӕ цӕмӕ агуырдтай?
Митын деда ӕфхӕрдхуызӕй бакаст Зымӕгмӕ
МИТЫН ДЕДА: — Йер афтӕ у! Ӕз, мӕ зӕвӕттӕ цӕхӕркалгӕ згъордтон, цӕмӕй уӕм Митын Дадайы фыстӕг тагъддӕр фӕхӕццӕ кӕнон. Мӕ миты хъӕпӕнтӕ мын дымгӕ скъӕфта. Фӕндагыл фондз хатты ныппырх дӕн, — тӕрхъустӕн ӕмӕ ӕхсӕрӕгтӕн сӕ цӕрӕнбон бирӕ – ӕрӕмбырд иу мӕ кодтой. Фӕлӕ дзы иу далачи тӕрхъус уыди, ӕмӕ мын мӕ уырыдзы-фындз ахордта. Адон та… цы ́ рцыди!
ЗЫМӔГ: — Ма мӕсты кӕн, Митын деда. Нӕ мӕ фӕндыди дӕу бафхӕрын. Бахатыр кӕн!
МИТЫН ДЕДА: — Цӕй, ӕз мастхӕссаг нӕ дӕн. Мӕнӕ уӕ фыстӕг.
Митӕ райста фыстӕг, кӕсы:
МИТӔ: — Зынаргъ сабитӕ! Арфӕ уын кӕнын Ног азы къӕсӕрыл. Хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ уыл цӕуӕд! Ӕз гыццыл фӕстиат кӕнын, фӕлӕ уӕм ӕнӕмӕнг хӕццӕ кӕндзынӕн. Ӕнхъӕлмӕ мӕм кӕсут. Митын Дада.
— Бузныг дын, Митын деда. Ныр мӕ зӕрдӕ Дадамӕ нал ӕхсайы.
ЗЫМӔГ: — Митын деда, мӕ рӕдыд цӕмӕй сраст кӕнон? Дӕ зӕрдӕ дын цӕмӕй балхӕнон?
МИТЫН ДЕДА: — Ооохххыы! Йер мӕ хъуамӕ ныфсӕрмы кӕной! Мӕнӕ сабитимӕ иу хъазт акӕндзыстӕм ӕмӕ мӕ зӕрдӕйыуаг йӕ гаччы абаддзӕн. Нӕ уын зӕгъын, мастхӕссаг нӕ дӕн.
-
Хъазт Митын дедаимӕ
МИТӔ: — Митын деда, йер ма дын сабитӕ заргӕ дӕр куы акӕниккой, уӕд дӕ тӕргайӕ фӕд дӕр нал уаид.
МИТЫН ДЕДА: — Ӕз рагӕй дӕр нал дӕн тӕргай, фӕлӕ сабитӕм зӕрдиагӕй байхъусдзынӕн.
-
Зарӕг «Митын лӕг»
-
Ӕмдзӕвгӕтӕ
МИТЫН ДЕДА: — Бузныг, сабитӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдыстут. Фӕлӕ мӕ цӕуын хъӕуы, Митын Дада ма мын ноджыдӕр иу фыстӕг ратта. Хъуамӕ йӕ уӕ сыхаг рӕвдауӕндонмӕ фӕхӕццӕ кӕнон. Хӕрзбон, мӕ хӕлӕрттӕ, нӕ иннӕ фембӕлдмӕ!
Митын деда ацыд. Хъуысы музыкӕ. Фӕзынд Къулбадӕг ус
КЪУЛБАДӔГ УС: — Ммм, мӕнӕ сты! Рабадтысты! Цы хабар у, бӕстӕ уӕ сӕрыл цы систат?
МИТӔ: — Бӕрӕгбон нӕм ис. Сабитимӕ Ног азыл ӕмбӕлӕм. Тагъд нӕм мӕ дада дӕр фӕзындзӕн.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Цыыы? Бӕрӕгбон? Цавӕр бӕрӕгбон? Дӕ дада та чи у? Ӕз нӕ зонын нӕдӕр дӕу, нӕдӕр дӕ дадайы! Хъӕугӕ дӕр мӕ нӕ кӕнут.
МИТӔ: — Ӕз Митӕ дӕн. Мӕ дада та у Митын Дада, зымӕгон хъӕды хицау.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Цӕй хицау? Хъӕды хицау? Хъӕды ӕз дӕн хицау сӕрдӕй-зымӕгӕй. Ӕмӕ уӕм иу бӕрӕгбон дӕр нӕ уыдзӕн! Ничи сӕм кӕсы?! Хицау, дам! Хаугӕ кӕнут ардыгӕй уе ́ ппӕт дӕр!
ЗЫМӔГ: — Афтӕ ма зӕгъ. Зымӕджы бартӕ дӕхимӕ ма ис. Куы мӕ бафӕнда, уӕд дӕ бынаты асӕлдзынӕ ӕмӕ змӕлгӕ дӕр нал фӕкӕндзынӕ.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Ды та ма дзы кӕцытӕй дӕ?
ЗЫМӔГ: — Ӕз Зымӕг дӕн. Ма мӕ тызмӕг кӕн дӕхимӕ.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Ааа! Зымӕг? Ӕмӕ ӕз цы, ӕз куы ницы! Ӕз мӕнӕ мӕхицӕн уӕздан Къулбадӕг ус дӕн, никӕмӕ дзурын, никӕйы хъыгдарын.
МИТӔ: — Куыд нӕ хъыгдарыс? Уӕдӕ цӕмӕ загътай бӕрӕгбон нӕм нӕ уыдзӕн, уый? Цы бакуыстай?
КЪУЛБАДӔГ УС: — Ӕппындӕр ницы! Ӕрмӕстдӕр мӕнӕ мӕ уисойӕ дыууӕ хаты сырт – иуырдӕм, сырт – иннӕрдӕм. Ӕмӕ фӕндӕгтӕ митӕй амбӕхстысты! Гъы-гъы-гъы! (худы)Ӕндӕр, ӕгъгъа – мур дӕр ницы!
ЗЫМӔГ: — Ӕмӕ уый ницы у? ныр ма Митын Дада фӕндаг куыд ссардзӕн? Худинаг дын нӕу?
КЪУЛБАДӔГ УС: (кӕуын хъӕлӕсӕй) – Ницы мын у худинаг! Ӕмӕ мын цы хъуамӕ уа худинаг? Мӕнӕ ӕз… ӕртӕсӕдӕ азы цӕрын хъӕды, ӕмӕ цардӕй ницы федтон. Мӕнӕ адон та? (амоны сывӕллӕттӕм) Зӕххӕй уӕлӕмӕ нӕма зынынц, ӕмӕ сӕм дунейыл цы нӕ диссаг ис, ахӕм нӕй! Телевизор-шмелевизор… Нобуккк-шмобуккк… Планшеттт-мланшеттт!.. Ӕз та? Мӕнӕн та?
МИТӔ: — Къулбадӕг ус, ма хъыг кӕн. Фӕнды дӕ, уӕд дын мӕ телефон балӕвар кӕндзынӕн.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Йӕ мӕтӕй дын мардтӕн! Цы дзы аразын? Мӕнмӕ мӕнӕ алӕмӕты айдӕн и (систа йӕ дзыппӕй айдӕн) Уӕ цирчы скайпӕй хуыздӕр. Интернет дӕр ын нӕ хъӕуы. Ӕмӕ дзы хъӕды ололитӕй дарддӕр кӕимӕ аныхас кӕнон, уый дӕр нӕй! Эээ! (хойы айдӕн) Аллёё! Цӕй, цы фестут?
Райхъуыст кӕцӕйдӕр : «У-У! У-У!»
КЪУЛБАДӔГ УС: (мӕстӕймарӕгау)– У-у, у-у! Ӕндӕр ницы зонынц! Тьфу! Ме ́ нӕуынон фӕут! Эхх! (нывӕрдта айдӕн фӕстӕмӕ йӕ дзыппы)
ЗЫМӔГ: — Уӕдӕ цы ́ рхъуыды чындӕуа, цӕмӕй йӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм?
КЪУЛБАДӔГ УС: — Зонут, цы? Ӕз кафын куыд тынг бирӕ уарзын! Фӕлӕ хъӕды астӕу кӕимӕ кафон? Ӕрсытимӕ? Йер мын мӕнӕ ацы пумпуши сывӕллӕттӕ иу кафт куы акӕниккой, уӕд… чи зоны…
ЗЫМӔГ: — Ууыл ма дӕ сӕр дӕр ма сриссӕд. Ис нӕм ахӕм кафт. Цӕй-ма, сабитӕ, бахъӕлдзӕг кӕнӕм Къулбадӕг усы.
-
Лӕппуты цырд кафт
Фӕстагмӕ Къулбадӕг ус дӕр кафы сабитимӕ. Кӕцӕйдӕр фӕзынд Рувас. Адавта Къулбадӕг усы уисой ӕмӕ бамбӕхст зазбӕласы бын.
КЪУЛБАДӔГ УС: — Ууффф! Мӕнӕ куыд хорз уыди! Кӕдӕй-уӕдӕй ма ме ́ уӕнгтӕ аивӕзтон. Йеныр уын мӕ риуыл дӕр фӕндаг! Цӕуон, ӕмӕ амӕрзон Митын Дадайы ӕрбацӕуӕнтӕ. ИИИИИ!!! Ӕмӕ мӕ уисой та цы фӕци, мӕнӕ йӕ ам куы фӕуагътон?! Ничи мын ӕй федта?
Сывӕллӕттӕ амонынц Рувасмӕ
КЪУЛБАДӔГ УС: — Аааа, фӕлитой! Ды дӕр та ам дӕ? Ныртӕккӕ мын мӕ уисой йӕ бынаты сӕвӕр!
РУВАС: — Ӕндӕр ма цы?! Уӕдмӕ дӕр уал мын дӕ сӕры счытӕй хъӕрз!
КЪУЛБАДӔГ УС: — Цы дааам?! Йеныр ма мӕ ацы згӕкъудийӕ дӕр йеуый куы схъуыди! Макӕ, Рувас, дӕхи ӕнӕ мастӕй уадз, сабырӕй дӕм куы дзурын. (Ӕвиппайды ныхъхъӕр кодта) Ӕри мын мӕ уисой, дын загътон!!!
Рувас йӕ хъӕрӕй хӕрдмӕ фӕхауди, иуварс алыгъди
РУВАС: — Мӕ хӕдзар куыд уыди! Мӕнӕ йын цы ӕнад цъӕхснаг хъӕлӕс и! Мӕ хъусты зӕланг иу афӕдз дӕр нал ссӕудзӕн!
ЗЫМӔГ: — Рувас, Къулбадӕг ус, уӕ хорзӕхӕй, ма хыл кӕнут. Абон бӕрӕгбон у!
РУВАС: — Бӕрӕгбон? Цавӕр бӕрӕгбон? Ох, куы йӕ зониккат, ӕз куыд тынг уарзын алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ, дзаджджын фынгтӕ, уӕлибӕхтӕ, карчы фыд! Мммм!!!
МИТӔ: — О, фӕлӕ Къулбадӕг усӕн йӕ уисой куы нӕ раттай, уӕд нӕм иу бӕрӕгбон дӕр нӕ уыдзӕн.
РУВАС: — Ммм, иу ныхасӕй, ӕнӕ ацы сӕмпӕрчи уисойӕ бӕрӕгбон нал уыдзӕн! Ног дӕр ма куы уаид, раст дӕлӕ йӕхи карӕн у. Зӕронд чъеппа!
КЪУЛБАДӔГ УС: — Цы та загъта? Ауадзут-ма мӕ!
ЗЫМӔГ: — Фӕлӕуут-ма, мауал хыл кӕнут! Рувас, бамбар ӕй, уисой куы нӕ раттай, уӕд Митын Дада хъӕды фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фӕндӕгтӕ митӕй нал зынынц. Ӕнӕ Митын Дада ӕмӕ ӕнӕ йӕ лӕвӕрттӕй та уый цӕй бӕрӕгбон уыдзӕн? Дӕ хорзӕхӕй, ратт уисой Къулбадӕг усӕн. Ма хал сабитӕн сӕ бӕрӕгбон.
РУВАС: — Хм! Лӕвӕрттӕ, зӕгъыс? Ӕмӕ дзы мӕнмӕ уыцы лӕвӕрттӕй ницы ӕрхаудзӕн?
КЪУЛБАДӔГ УС: — Куыд нӕ стӕй, нал дӕ ныууагътой!
МИТӔ: — Мӕнӕн мӕ дада тынг рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар у. Уе ́ ппӕтӕн дӕр уыдзӕн лӕвӕрттӕ.
РУВАС(дзуры Къулбадӕг усмӕ): — Фехъуыстай? Уыдзӕн мын лӕвар! Гъа, цӕй, хӕц дӕ гӕлхӕрд уисойыл!
Ратта уисой. Къулбадӕг ус ацыд
РУВАС: — Цӕй, цалынмӕ уыцы зӕронд йӕ уисойӕ сырт-сырт кӕны, уӕдмӕ уал мах ахъазӕм.
-
Хъазт Рувасимӕ
Райхъуыстысты дзӕнгӕрджытӕ, музыкӕ, ӕрбацыд Митын Дада
МИТЫН ДАДА: Ног та сымахмӕ хъӕлдзӕгӕй
́ Рбавӕрдтон мӕ къах.
Ӕмӕ та мӕ лӕдзӕгӕй
́ Рхостон уӕлӕ рагъ.
Цас у ныр мӕ циндзинад,
Уымӕн нӕй зӕгъӕн!
Зӕрдӕ цинӕй – йемыдзаг,
Амонд бацыд мӕн.
Ног азы дзӕнгӕрджытӕ,
Хъус ӕмӕ сӕм хъус!
Фарн нӕ Иры цӕрджытӕн
Не ́ рхӕссдзысты цъус.
— Фӕрнӕй дзаг ут, мӕ уарзон хъӕбултӕ! Ног та рараст кодтон, хӕхты цъуппытӕ арф кӕм агайынц, бирӕ ӕнустӕ кӕуыл цӕуы, уыцы рагон мӕсыгӕй. Алы хатт зымӕджы райдайӕны Ирыстоныл абалц кӕнын, цӕмӕй ног аз ӕнӕкъуылымпыйӕ, ӕхцондзинад хӕскӕйӕ, ӕрцӕуа. Мӕ дзӕкъул Ирыстоны чысыл сабитӕн лӕвӕрттӕй кӕддӕриддӕр дзаг у. Ӕз кӕдӕм ӕрбацӕуын, уырдыгӕй уайтагъд райхъуысы сывӕллӕтты хъӕлдзӕг худын.
ЗЫМӔГ: — Алы боны ӕгас нӕм цу, Митын Дада. Мах дӕм сабитимӕ тынг рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уыдон де ́ рбацыдмӕ сӕхи иттӕг хорз бацӕттӕ кодтой зарджытӕй, кӕфтытӕй, ӕмдзӕвгӕтӕй. Дӕ хорзӕхӕй, байхъус ма сӕм.
МИТЫН ДАДА: — Ооо, уый уын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы! Табуафси, зӕрдиагӕй сӕм байхъусдзынӕн.
-
Зарӕг «Митын Дада»
МИТӔ: — Дада, ды, ӕвӕццӕгӕн, фӕлаад дӕ – дӕ фӕндаг дард уыди. Ӕрбад уал, баулӕф. Сабитӕ та дын ӕмдзӕвгӕтӕ радзурдзысты.
-
Ӕмдзӕвгӕтӕ
МИТЫН ДАДА: — Куыд дӕсны стут ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынмӕ! Мӕнӕн дӕр мӕ фӕллад ссыд ӕмӕ мӕ фӕнды сымахимӕ мӕ уарзон зарӕг акӕнын. Ӕрлӕууӕм-ма иумӕ стыр зылды!
-
Зарӕг-хоровод «Ӕрзади хъӕды зазбӕлас»
(«В лесу родилась елочка»)
Ӕвиппайды уынгӕй райхъуыст хъӕр-хъӕлӕба, фӕндырдзагъд. Зарӕгмӕ «Ног азы арфӕтӕ» (Сечъынаты Альбинӕ) ӕрбахыстысты хӕдзаронтӕ. Зарынц, пырх кӕнынц нартхоры нӕмгуытӕ, къафеттӕ, лыстӕг ӕхца.
МИТЫН ДАДА: — Алы боны ӕгас нӕм цӕут, нӕ буц уазджытӕ!
ЗЫМӔГ: — Бузныг, стыр бузныг уӕ рӕсугъд арфӕтӕй! Уӕ хорзӕхӕй, нӕ бӕрӕгбон ма нын сымах дӕр бахъӕлдзӕг кӕнут.
ХӔДЗАРОНТӔ: — Табуафси, зӕрдиагӕй! Ӕрмӕст дзырдӕй – мӕнӕ ацы рӕсугъд сабитӕ дӕр немӕ куыд зарой.
МИТӔ: — Куыд зӕгъут, сабитӕ, азардзыстӕм хӕдзаронтимӕ?
СЫВӔЛЛӔТТӔ: — О!
-
Зарӕг «Ног аз»
ХӔДЗАРОНТӔ: Зарынмӕ дӕсны стут, фӕлӕ ма зӕгъут, уыци-уыцитӕ зонут?
СЫВӔЛЛӔТТӔ: — О!
ХӔДЗАРОНТӔ: — Уый мах ныртӕккӕ сбӕлвырд кӕндзыстӕм.
Хӕдзаронтӕ дзурынц уыци-уыцитӕ
-
Цӕй-ма, базон ӕмӕ зӕгъ урс кӕд фӕдары нӕ зӕхх? (зымӕджы)
-
Йӕ уынд рӕсугъд у, бӕмбӕгау пух, ӕрмӕст дзы уазал кӕны къух (мит)
-
Хур ма зӕхх ӕртавы цъус, митӕй быдыр дары урс. Уазал дымгӕ у тызмӕг, уый та нӕм ӕрцыд… (зымӕг)
-
Ӕнӕ къухтӕй ныв кӕны, ӕнӕ дӕндӕгтӕй хӕцы (хъызт, уазал)
-
Уынджы вӕййы урс хох, хӕдзары та дон фесты (мит)
ЗЫМӔГ: — Махӕн нӕ сабитӕ алцӕмӕ дӕр тынг дӕсны сты, зарынмӕ дӕр, ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынмӕ дӕр, кафынмӕ дӕр.
ХӔДЗАРОНТӔ:— Кафынмӕ? Нӕ мӕ уырны.
ЗЫМӔГ: — Уӕдӕ йӕ ныртӕккӕ уӕхӕдӕг фендзыстут!
-
Хонгӕ кафт
ХӔДЗАРОНТӔ: Хӕдзаронтӕ,хӕдзаронтӕ,
Уӕ уазджытӕй ма тӕрсут!
Ирон къусы сыр-сыргӕнгӕ
Сау бӕгӕны рахӕссут!
Зымӕг рахаста бӕгӕныкъус, ратта йӕ Митын Дадамӕ, уый кувы, лӕппутӕ оммен кӕнынц:
— Хуыцау, табу дæуæн!
— Оммен, Хуыцау!
— Хуыцау, ахъаз бакæн!
— Оммен, Хуыцау!
— Хуыцау, дæ быны хорзæй цы ис, уымæй нын дæ цæст бауарзæд!
— Оммен, Хуыцау!
— Фыдбылызæй нæ бахъахъхъæ!
— Оммен, Хуыцау!
— Хуыцау, дæхи хорзæх æмæ нын де ́ сконд зæдды хорзæх дæр саккаг кæн!
— Оммен, Хуыцау!
— Уæларвон Басыл, дæ дуг, дæ рæстæг у, Ног азы хæрзтæ уаргæ рацæудзынæ æмæ дзы махæн дæр бахай кæн!
— Оммен, Хуыцау!
— Нæ фыдбылызтæ, нæ зындзинæдтæ зæронд азы фесæфæнт!
— Оммен, Хуыцау!
— Бирæ кувынæй бирæ хæрзтæ хуыздæр сты, æмæ нын бирæ хæрзтæ балæвар кæн!
— Оммен, Хуыцау!
ЗЫМӔГ: — Ногбоны ́ хсӕв алы ирон хӕдзары дӕр ӕфсинтӕ кӕндзысты Æртхурон – Ногбоны гуыдын. Ныззилдзысты йӕ егъау хурдзалхы хуызӕн уӕрӕх сӕ къонайы арт ӕмӕ Хуры иудзинады фидардзинадӕн. Хур у царддӕттӕг, ӕмӕ йӕ минӕвар ӕдзухдӕр уӕ къонаты куыд уа, цардыхос уын куыд хӕсса!
-
Симд зарӕг «Ӕртхурон»-мӕ гӕсгӕ
Симды фӕстӕ хӕдзаронтӕй дыууӕйӕ рахыстысты тымбыл кафтмӕ. Ӕвиппайды сӕ иу ахауд
ЗЫМӔГ: — Мæ хæдзар! Ай цы кодта? Рæвдздæр, дохтырмæ адзурут, дохтырмæ!
Фæзынд «дохтыр», байхъуыста йæм, йæ рустæ йын æркъæрццытæ кодта, йæ къухтæ йын фæйнæрдæм акодта. Йæ сæр батылдта, дзуры:
ДОХТЫР: — Ай мæ рынчын нæу!
Уæд Зымӕг рахаста басыл, рынчыны фындзыл æй æруагъта. Уый сысмыста басылмæ, фæгæпп кодта. Зымӕг хæдзаронтæн байуæрста басылтæ. Уазджытæй иу дзуры:
Нæ фысымтæ, куы йæ зонут,
Ногбон абон бирæтæм.
Стыр бузныг уæ минасæй,
Ныр та фæцæуæм иннæтæм!
Фæндырдзагъдмæ хъазгæ-худгæйæ ацæуынц.
МИТЫН ДАДА: — Мӕ хъӕбултӕ, ӕрцыд рӕстӕг хӕрзбон зӕгъынӕн. Фӕлӕ йӕ зонут, иннӕ ацафон та уӕм зындзынӕн. Ног та арв калдзӕн ӕрттывдтытӕ, бӕстӕ суыдзӕн тӕмӕн, ӕмӕ та мӕ уӕ уындӕй бацагайдзысты амонды ӕнкъарӕнтӕ!
МИТӔ: — Дада, ницы ферох кодтай? Сабитӕ ӕнхъӕлмӕ куы кӕсынц!
МИТЫН ДАДА: — Мӕнӕ мыл мӕрды рох куыд бахӕцыд! Сӕйрагдӕр цы у, уый куы нӕ сӕххӕст кодтон! Мӕ къона, дӕ хорхӕхӕй, мӕ дзӕкъул ма мын рахӕсс.
Митӕ рахаста дзӕкъул. Сабитӕн байуӕрстой лӕвӕрттӕ.
ЗЫМӔГ: — Нӕ зынаргъ, нӕ уарзон сабитӕ, нӕ буц уазджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕ! Хъыгагӕн, ӕрцыд рӕстӕг зӕгъын: «Хӕрзбон».
МИТЫН ДАДА: — Абайты Васойӕ къаддӕр ма цӕрӕд ирон,
Райдайӕн уӕд хорз хъуыддӕгтӕн, ма сын уӕд кӕрон.
МИТӔ: — Урссӕр хӕхтӕй уӕд сыгъдӕгдӕр адӕймаджы кад,
Иры дзыхъхъ уӕд Иры фырттӕй алкӕмӕн дӕр мад.
ЗЫМӔГ: — Ног аз мин хорзӕхы ́ рхӕссӕд, уӕд фӕрнӕйдзаг, уадз!
Ног аз азӕххыл, нӕ бӕсты ныр цӕуӕд ӕгас!
КӔРОН
16
Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/472308-nog-azy-baragbon
«Свидетельство участника экспертной комиссии»
Оставляйте комментарии к работам коллег и получите документ
БЕСПЛАТНО!
« Ногбоны бæрæгбон»
Иуактон пьесæ
Архайджытæ :
Æфсин
Лæппу
Хæдзары хицау
Хæдзаронтæ
Снегурочка
Фæндырцæгъдæг
Доулист
Декорацитæ :
-
къона
-
стъол
-
тъахтин
Райхъуысы музыкæ, сценæ байгом.
Архайд цæуы ирон хæдзары. Æфсин архайы пецы уæлхъус,кæны чъиритæ.
Йæ алыварс разил- базил кæны гыццыл лæппу.
Сыв. – Гыцци, цы кусыс?
Æфс.- Мæнæ бæрæгбонмæ æртæ кæрдзыны кæнын, мæ хъæбул.
Сыв. Цавæр бæрæгбон, гыцци?
Æфс.- Ногбоны æхсæв, мæ гыццыл хур.
Сыв. – Ногбон та цавæр бæрæгбон у?
( Ам сценæйыл архайд цæуы сæ ныхас нæ хъуысы , афтæмæй.
Снегурочка залы цы сывæллæттæ ис, уыдонимæ кусы)
Снег. – сымахæй та чи зоны цавæр бæрæгбоны кой кæнынц нæ архайджытæ?
( залы чи бады , уыдон дзуапп дæттынц. Сæ раст дзуаппæн сын снег. дæтты деда. Куы фесты куыст залимæ, уæд дарддæр сценæйыл цæуы архайд )
Æфс.- Иу аз иннæйы ивынмæ цы æхсæв æрбацæуы, уый бæрæг æхсæв вæййы, хонынц æй
ногбоны æхсæв. Скæнынц чъиритæ, дедатæ.
Сыв.- Гыцци, дедатæ та цы сты?
Æфс. –Уыдон та адджын гуылтæ.
Сыв.- Мæн дæр хъæуы ахæм адджынтæ.
Æфс. – Гыццыл фæлæуу, ныртæккæ цæттæ уыдзысты.
Сыв.-Бирæ ма сæ хъæуы? ( фæцæуы иуварс)
Æфс.- Нал , рауай æз дын авæрон дæ хай. Кæм дæ , кæм?
Сыв. –Ам дæн, ам. Мæнæ ма цæй стыр сты! Гыцци, Сæрмæтæн дæр скодтай?
Æфс.- Уæдæ! Сæрмæтæн дæр скодтон æмæ ма ноджы бирæ скодтон.
( Æрбайхъуыст уынгæй хæдзаронты зарæг, фæндыры цагъд. Хæдзары хицау рацæуы. Æфсин сæ размæ рацыд.)
Хæдзаронтæ,хæдзаронтæ,
Уæ алы аз уыл хорзæй цæуа,
Уæ сæдæ фидæн хорзæй фенат,
Уæ лæг саг амара,
Уæ ус тыр ныйара,
Уæ басылы къух мæн фæуа!
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
1-аг уазæг( Кумал) — Фарн ацы хæдзары!
2-аг уазæг( Моур) — Ног аз уæм ног хорздзинæдтæ æрхæсса!
Æфсин — Фарны къах æрбавæрат, фарны къах! Мидæмæ рахизут!
1-аг уазæг( Кумал) — Мидæмæ цæугæ стæм , мидæмæ…
Хæдз. хицау – Æфсин ,ацы уазджытæ хорз фенинаг сты!
Æфсин – Цæттæ дæн, цæттæ.
( уазджытæй иу ахауы уæлгоммæ)
Хæдз. хицау — Уæллæй нæ уазджытæ, уе мбæлттæй иу рынчын у.
Уаздж.(Засеева) -Æллæх, цыдæр кодта! Хос кæнын ын хъæуы, хос !
Хæдз. Хицау — Кæм дæ , не фсин , уазæгæн хос рахæсс рæвдздæр!
Æфсин — Ныртæккæ, ныртæккæ, йæ фæхъау фæуон! ( худынц)
( ус рахæссы адджинæгтæ , деадтæ. Рынчын сæ куы фены, уæд рабады)
Уахзæг (Засеева) — Мæнæ- ма дуне адджинæгтæ , диссаджы дедатæ.
Уазæг(чи ахауди) Æнхъæлдæн фæхорз дæн! ( сысты)
Хæдз.хицау – рынчын иугæр адзæбæх, уæд ын йæ цæрæнбоны тыххæй ракувын хъæуы,
фынгмæ æрбахæстæг кæнут.
(Фынг рахæссы æфсин уазджытæ хистæртæ бацæуынц, бадгæ нæ кæнынц).
Хæдз. хицау – Хуыцау. Стыр Хуыцау! Табу дæхицæн!
Æппæт дуне рафæлдисæг дæ,æмæ нæ дæ хорзæх уæд!
Ирон адæмыл ног азы рæстырдæм куыд аудай!
Иумæ Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Ибрагим ) – Ног азы нæ сабитæ – де уазæг!
Æвзæндаджы Уастырджи, табу дæхицæн!
Иумæ Аммен, Хуыцау!
Хæдз.хицау — Дæ рахиз базыры бын сæ бакæн!
Фыдбылызæй сæ бахиз!
Иумæ Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Арсен) – О Хоры Уацилла æмæ Фоссы Фæлвæра,
Реком æмæ Мыкалгабыртæ, табу уæхицæн!
Иумæ Аммен, Хуыцау!
Хæдз. хицау — Цы зæдтæ æмæ дауджытæ ферох кодтам, табу уыдонæн!
Чи ацахода , уый цæрæнбон- бирæ!
— Не фсин , мæнæ Æртхурон Донскъæфæнтæм бафснай.
Снег. _ Сывæллæттæ, зæгъут-ма цы зонут Æртхуроны тыххæй?
— Донскъæфæнтæ та кæд вæййынц?
(Ракувынц Æртхуронæй. Æвналгæ йæм нæ кæнынц. Ныууадзынц æй Донскъфæнтæм. Йæ мидæг ын бавæрынц æхца æмæ къуымбилы бындзыг. 19 январы йæ адихтæ кæнынц, æхца кæмæ бахауа, уый уыдзæн æхцаджын, къуымбил кæмæ бахауа, уый та — фосджын)
Хæдз. хицау Хорз адæм, уæ алы бæрæгбон дæр уыл æнæниз æмæ дзæбæхæй цæуæд!
Кæстæртæ, хъазт ацаразут! ( фæсивæд иу дыууæ кафты акæнынц)
Æфсин – Нæ абоны бæрæгбоны дедатæй алкæй дæр хъуамæ фæуа хай.
( байуары залы чи бады, уыдонæн)
Снегурочка залы чи бады , уыдонæн уары дедатæ .
Зӕронд Ног азы бӕрӕгбон (сценарий развлечения для подготовительной группы на осетинском языке «Старый, новый год»)
Сценари бацӕтӕ кодта ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг:
Гогаты Рита
Уӕ бон хорз нӕ чысыл хуртӕ!
Дзӕбӕх нын ут, нӕ буц хистӕртӕ!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Фарны къах та нӕм ӕрбавӕрдта нӕ арфӕйагдӕр, рӕсугъддӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Ног аз.
Зӕрдиаг арфӕ уын кӕнын, цӕмӕй уын Ног аз ӕнӕниздзинад, ӕнӕмаст цард ӕрхӕсса. Мӕнӕ ма ӕрбакӕсут, цас дзӕбӕх сывӕллӕттӕ нӕм ӕрбамбырд. Ӕз уӕм фӕдзырдтон, цӕмӕй мӕнӕ ацы рӕсугъд Ног азы ӕрлӕудыл мах иумӕ фӕцин кӕнӕм!
Ног азы ралӕудыл мах иууылдӕр стырӕй, чысылӕй, хистӕрӕй, кӕстӕрӕй, алы афӕдзы райдайӕны дӕр фӕцин кӕнӕм зӕрдӕйӕ ӕмӕ не скӕнӕг иунӕг кадджын Хуыцауӕй, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕй фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ дидинӕгкалӕг зӕххыл уа сабырдзинад, дунейы цӕрӕг адӕмтӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрой хӕларӕй, ӕнгомӕй ӕмӕ амонды хуры тынтӕй рӕвдыд уӕм не ппӕт дӕр.
(Сывӕллӕттӕ лӕууынц тымбыл зылды ӕмӕ зарынц)
Зарӕг « Заз бӕлас »
Ӕрзади хъӕды заз бӕлас,
Ӕрзади хъӕды рӕзт.
Сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх пӕлӕз
Йӕ уӕлӕ уыд ӕмбӕрст.
Тымыгъ ын кодта зарджытӕ:
«Лолотӕ кӕн, фынӕй!»
Ныуӕрста — иу ӕй миты бын,-
Нӕ басийа цӕмӕй.
Тӕппуд тӕкку — иу хъазыди
Йӕ быны цинӕй рад.
Куы та-иу бирӕгъ, цъӕх бирӕгъ
Йӕ рӕзты сиргӕ руад.
Фӕлӕ йыл иу бон бамбӕлди
Хъӕддзау ӕмӕ йӕ раст
Йӕ тӕккӕ бынӕй акалдта-
Ӕрфӕлдӕхта ӕваст.
Ӕрласта йӕ бӕхдзоныгъы,
Кӕнӕм ыл иумӕ цин,
Ӕрцауыгътам ыл хъазӕнтӕ
Ӕппӕты къаддӕр мин.
Ӕмхуызонӕй нӕ зарджытӕ
Кӕнӕм йӕ алыварс.
Нӕ бӕрӕгбон ысфидыдта,-
Дӕуӕй нӕ Заз бӕлас.
Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, Ног аз нӕм ӕрцыди. Нӕ заз бӕлас дӕр лӕууы.
Рӕсугъд у? Тынг дзӕбӕх арӕзт у, фӕлӕ нӕм чидӕр нӕма
ӕрбацыди. Ӕмӕ нӕм чи хъуамӕ ӕрбацӕуа?
Сывӕллӕттӕ: Митын Дада.
Хъомылгӕнӕг: Ӕмӕ нӕм цӕмӕндӕр нӕ цӕуы. Куыд ӕм фӕдзурӕм?
Сывӕллӕттӕ: Азарӕм ын ӕмӕ нӕм тагъддӕр ӕрбацӕуа.
Зымӕг, зымӕг ралӕууыд,
Ног аз нӕм ӕрцыд.
Митын Дада сабыргай,
Урс хӕхтӕй ӕрцыд.
Митын Дада, Митын Дада — рацу, рацу махмӕ.
Митын Дада, Митын Дада – рахӕс нын лӕвӕрттӕ.
( Митын Дада, Митын Дада – рацу ма, рацу ма).
(Дуарӕй ӕрбагӕпп кодта Къулбадӕг ус Митын Дадайы дарӕсы, йӕ къухы Митын Дадайы лӕдзӕг).
Къулбадӕг Уӕ бон хорз, къулбадджытӕ. Ныр та ӕз дӕн Митын Дада, ӕз!
ус Ӕрбакӕсут ма мӕм, цы рӕсугъд дӕн, хуртӕ ӕмӕ мӕ мӕйтӕ
кӕсы.
Мӕнӕ мӕ лӕдзӕг! Мӕнӕ адон сты мӕ лӕвӕрттӕ (гом кӕны
голлаг, сисы дурӕхсӕн, дур, дамбаца, кард).
Мӕнӕ дурӕхсӕн, амӕй хъӕуы цъиуты марын…..
(Къулбадӕг усы ныхӕстӕм ӕрбагӕпп кодта рувас).
Рувас: Фӕдис, фӕдис!
Ма йӕм хъусут, сайгӕ уӕ кӕны!
Ай Митын Дада нӕу, ай Къулбадӕг ус у!
Къулбадӕг Афтӕ ма фӕлӕу афтӕ! Уый та цы дзурыс хинӕйдзаг!
ус (Сабитӕм дзуры). Ма йӕм хъусут, рувас рагӕй хин у,
фӕлитой. Ныртӕккӕ дын ӕз дӕ бур хъуынтӕ иугай – дыгай
ныттондзынӕн. (Расур – басур кӕны рувасы).
Хъомылгӕнӕг: Фӕлӕуут ма гыццыл. Цы ӕрцыдис, уый ма мын бамбарын
кӕнут.
Рувас: Цы ӕрцыдис, цы ӕрцыдис!
Куыд цы ӕрцыдис! Мӕхи дыууӕ цӕстӕй йӕ федтон Къулбадӕг ус
йӕ уисойӕ хъӕды къахфӕндӕгтӕ сымхӕццӕ кодта ӕмӕ Митын
Дадайӕн йӕ лӕдзӕг байста. Ныр Митын Дада бынтон хъӕды
фӕдзӕгъӕл уыдзӕн.
Къулбадӕг Тынг хорз у, кӕй фӕдзӕгъӕл уыдзӕн уый, амӕй фӕстӕмӕ
ус ӕз уыдзын Митын Дада.
Уӕдӕ алы аз дӕр ууыл цин кӕнат? Сывӕллӕттӕ,
ӕрбакӕсут ма мӕм, хорз Митын Дада нӕ дӕн?
Сывӕллӕттӕ: Нӕ — ӕ — ӕ! Нӕ дӕ!
Къулбадӕг (Рамӕсты).
ус Хорз! Уӕдӕ уӕ кӕд нӕ фӕнды цӕмуын ӕз уон Митын Дада,
уӕд уын ӕз фенын кӕндзынӕн бӕрӕгбон. Айсут мӕнӕ уӕ
лӕдзӕг дӕр, ай дӕр мын ницы баххуыс кодта, сымах та
ӕппындӕр никуыуал фендзыстут Митын Дадайы.
(Къулбадӕг ус ацыди).
Хъомылгӕнӕг: Цӕй уӕдӕ ныр цы кӕнӕм, сабитӕ? Куыдӕй ма
Фӕхӕццӕ кӕнӕм Митын Дадайы нӕ бӕрӕгбонмӕ?
Сывӕллон дзуры: Цӕмӕй Митын Дада ӕрбацӕуа, уый тыххӕй йын йӕ
лӕдзӕгӕй ӕртӕ хаты ӕрхойын хъӕуы ӕмӕ ӕртӕ хаты
хъӕрӕй фӕдзурын хъӕуы:
Митын Дада, Митын Дада — рацу, рацу махмӕ!
Митын Дада, Митын Дада — рахӕс нын лӕвӕрттӕ!
Митын Дада, Митын Дада — рацу, рацу махмӕ!
(Митын Дада ӕрбацӕуы)
Митын Дада: Ӕрбацыдтӕн, — ӕрбацыдтӕн!
О! О! Фӕцӕуын уӕм, фӕцӕуын.
(Митын Дада заргӕ ӕрбацӕуы)
Ногӕй та зымӕг ӕрбацыдис,
Ногӕй та Ног аз ӕрхӕццӕ ис,
Сабитӕн сарӕзтой заз бӕлас,
Урс Дада сабитӕм ӕрбацыдис.
О – о – о – о – о – о – о – о.
Сабитӕн сарӕзтой заз бӕлас
Урс Дада сабитӕм ӕрбацыдис.
Уӕ бон хорз мӕ чысыл хуртӕ!
Мӕнӕ цас гыццыл, дзӕбӕх, рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ ӕрӕмбырд ис!
Базыдтат мӕ? (О).
Чи дӕн? (Митын Дада).
Мӕнӕ ацы гыццыл чызг та чи у? (Митын чызг).
Сымах Дадайы хуртӕ стут, Дадайы хуртӕ.
Ӕз тынг бафӕлладтӕн, сывӕллӕттӕ. Хъӕды мыл Къулбадӕг ус амбӕлд ӕмӕ мын мӕ сӕр разилын кодта, мӕ лӕдзӕг мын байста ӕмӕ мынйӕ уисой мӕ къухы фӕсахта.
Мӕнӕ кӕм ис мӕ лӕдзӕг?! Куыд ӕнхъӕл дӕн, афтӕмӕй Къулбадӕг ус мӕ разӕй фӕцис.
Сывӕллӕттӕ, уӕ заз бӕлас дӕр диссаджы рӕсугъд арӕзт у. Ӕз уын ӕй куы ӕрбарвыстон. Ама уӕдӕ нӕ заз бӕлас дӕр ссудзӕм.
Иу – дыууӕ – ӕртӕ – заз бӕлас ссудз.
(Ӕмдзӕгъд кӕнынц сабитӕ)
Митын чызг: Уӕ бон хорз сабитӕ!
Мӕнӕ цы рӕсугъд стут. Ӕмӕ уӕ Митын Дадаимӕ ахъазын
Нӕ фӕнды?
— О, фӕнды.
Йемӕ уӕдӕ ахъазут.
Митын Дада: Йемӕ хорз. Ахӕм хъазт зонут? Уӕ къухтӕ хъахъхъӕнын
зонут? Хъуамӕ уӕ къухтӕ ӕмбӕхсгӕ кӕнат, цӕмӕй сӕм ӕз
ма бавналон. Кӕмӕ бавналон, уый нысскӕндзинӕн. Сымах
та уӕхи хъахъхъӕнут. Слӕуут мА уӕдӕ ӕмӕ райдайӕм нӕ
хъазт.
Хорз ахъазыдыстӕм, уӕдӕ.
Цӕй мӕ гыццыл хуртӕ, исты нын ӕрцӕттӕ кодтат: ӕмдзӕвгӕтӕ, зарджытӕ ӕмӕ кафын дӕр зонут? (О).
Ӕмӕ уӕ мах ныртӕккӕ фендзыстӕм.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, ӕрбад, аулӕф.
Мах дӕм тынг ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм ӕмӕ дын де рцыдмӕ
бацӕттӕ кодтам ӕмдзӕвгӕтӕ, зарджытӕ, кӕфтытӕ,
арфӕтӕ, хъӕстытӕ ӕмӕ аргъауы инсценировкӕ.
Дӕ хорзӕхӕй, бакӕсӕм ма сӕм!
Симд
Арфӕтӕ
Ног азы бӕрӕгбоны фӕдыл уын кӕнӕм зӕрдиаг арфӕтӕ. Ног аз уӕм ног хӕрзтимӕ ӕрбалӕууӕд. Алы хатт дӕр рӕстфӕндаг куыд уат ӕмӕ ӕнӕнизӕй уӕ хъарм хӕдзӕрттыл куыд ӕмбӕлат.
Ног азы арфӕтӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕн. Ӕнӕниздзинад, ӕнӕмаст цард ӕмӕ сабырдзинад уӕ хай. Фидӕн аз уын хорз хабӕрттӕ, амонд ӕмӕ цинтӕ хӕссӕг фӕуӕд! Цардӕй макуы бафӕлмӕцут, афтӕмӕй уӕнгрогӕй ӕнусы сӕрты акӕсут.
Ног аз суӕд алкӕмӕн дӕр амонды ӕмӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕныны аз. Уӕ фарныл – фарн, уӕ кадыл – кад ӕфтӕд, афтӕмӕй уӕ алчи ӕнчй йӕ ӕнусы сӕрты акӕсӕд зӕрдӕрухс ӕмӕ бӕркадкъухӕй.
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
(Дарддӕр бакӕсӕм нӕ сывӕллӕтты уӕздан кафт «Хонгӕ» кафт мӕ)
« Хонгӕ »
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд нӕ сабиты кафт?
Митын Дада: Тынг хорз, тынг! Бузныг уын. Мӕ зӕрдӕ мын тынг
бахъӕлдзӕг кодтат. Ӕз зӕронд дӕн, фӕлӕ уӕддӕр уарзын
иу хъазт, хуыйны «Миты къуыбылӕйттӕй хъазт».
Фӕнды уӕ ахъазын мемӕ? (Фӕнды).
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, Митын Дада тынг бафӕллад. Митын Дада
сбад ӕмӕ дӕ фӕллад суадз. Мах та дын дарддӕр дзурӕм
не мдзӕвгӕтӕ.
Ӕмдзӕвгӕтӕ
« Ног аз »
Алы бон цӕут ӕгас,
Митын Дада, наз бӕлас!
Ног аз нӕм ӕрцыд уӕ фӕрцы
Урс – урсид бӕмбӕгджын кӕрцы.
Алкӕмӕн нӕ хуын ӕрхаста
Аив хуыд дзӕкъулы бастӕй.
Кафӕм, зарӕм, хъуысы дард
Цины хъӕр, фӕндыры цагъд!
« Ног аз »
Мит ыставд тъыфылтӕй уары,
Ног аз хъӕлдзӕгӕй ӕрцыд.
Хъазӕнтӕй та заз фӕйлауы,
Сабитӕ кӕнынц ӕмбырд.
Ног та зарӕг дарлмӕ хъуысы:
«Амондджын фӕуӕд нӕ аз!»
Нал та ис кӕрон, нӕ сысы
Цинад заз бӕласы раз.
Алкӕйы цӕхӕр цӕстытӕй
Рттивы взонгдзинады рухс.
Митын Дадайы лӕвӕрттӕй
Чызджытӕ, лӕппутӕ – буц.
« Заз бӕлас »
Уазал у нӕ зазӕн
Зымӕджы ӕддӕ
Махмӕ йын хъарм бынат
Агъуысты цӕттӕ.
Симӕм йӕ алыварс
Аразӕм нӕ къах.
Хъӕлдзӕгӕй Ног азыл
Сӕмбӕлдзыстӕм мах.
Бирӕ ис хъазӕнтӕ
Бӕласыл зӕбул.
Заз бӕлас сӕ уӕзӕй
Зӕххы рдӕм ӕркъул.
* * *
Адӕм сыстадысты раджы
Митӕй байдзаг ис нӕ кӕрт.
Уӕртӕ урс Дада ӕрбацыд
Йемӕ рбахаста лӕдзӕг.
Байрай, урс – Дада – хӕрзгӕнӕг!
Хорзӕн де рбацыд фӕуӕд!
Дунейы фӕрныг дзыллӕтӕ
Алкӕд сабырӕй цӕрӕнт.
* * *
Карз зымӕг ӕрхӕццӕ
Бӕлӕстӕ сты гом.
Скӕнут дарӕс хъармдӕр
Ӕмӕ хъазгӕ цом.
Зымӕджы тымыгътӕм
Мыртгӕ сси хӕрзад.
Акӕсут – ма дӕттӕм
Алкӕцы дзы – салд.
* * *
Ног аз ныл ӕрцыди,
Иумӕ цин кӕнӕм.
Ног стъалы ссыгъди,
Иумӕ йӕм кӕсӕм.
Цин кӕны нӕ бӕстӕ,
Цин кӕнын ӕз дӕр.
Ног азӕн йӕ хӕрзтӕ,
Зӕрондӕй фылдӕр.
* * *
Урс миты хъӕпӕнтӕ
Дардмӕ сайынц цӕст.
Зымӕджы кӕлӕнтӕ
Алы ран ӕмбӕхст.
Мӕнӕ бамыр бӕстӕ
Цъиу ызмӕлӕг нӕй.
Тар хъӕды бӕлӕстӕ
Баисты фынӕй.
Миты пух хъӕпӕнтӕ
Алырдӕм хӕссы.
Махӕн дӕр нӕ кӕрты
Урс гобан хуыссы.
Дзоныгътӕ цӕттӕ сты
Ахуырстӕй лӕууынц.
Иу чысыл, дам, уынгты
Атӕхӕм – зӕгъынц.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, бакӕс- ма, ныртӕккӕ уын нӕ сывӕллӕттӕ
акӕндзысты инсценировкӕ аргъау «Тымбылӕг».
Аргъау «Тымбылӕг»
Зонынц хистӕртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ
Царди ӕмӕ уыди ацы зӕххы къорийыл
Цӕстуарзон аргъау «Тымбылӕг»
Сырхварс-Тымбылӕг.
Заз бӕласы бӕрӕгбоны аргъау нӕ фӕвӕййы
Ацы заз бӕласы раз абон аргъау дзурӕм дарддӕр.
(Тымбылӕг музыкӕмӕ рацӕуы)
Тымбылӕг: Ӕз дӕн хъӕлдзӕг Тымбылӕг
Сырхварс-Тымбылӕг.
Ӕз дӕн ӕхсыры сӕрты змӕст,
Рудзынгыл мӕ ӕруазал кодтой.
Ӕмӕ абон рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ
Ӕз сывӕллӕттӕм хуынд дӕн.
(Тымбылӕг атылди заз бӕласы алыварс музыкӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Къахфӕндагыл уый тылди
Рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ тагъд кодтон
Уалынмӕ зӕронд заз бӕласы цур
Сӕмбӕлдтӕн бирӕгъыл.
Бирӕгъ: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс ме мбал?
Хъомылгӕнӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ
Бирӕгъ: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,
Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн.
Тымбылӕг: Цӕй, ды бирӕгъ ма тагъд кӕн!
Уазӕгуатмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сывӕллӕттӕ,
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Бирӕгъ: Цӕй бузныг, тынг хъӕлдзӕг дӕн!
Ӕз ӕрбацӕудзынӕн заз бӕласмӕ рӕвдауӕндонмӕ!
(Бирӕгъ ацыд заз бӕласы фӕстӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл.
Тулы-тулы ӕмӕ йӕ размӕ тымбылӕгмӕ — арс лӕгӕтӕй.
Арс: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?
Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Арс: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,
Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн!
Тымбылӕг: Нӕ, мӕнмӕ ме мбӕлттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц!
Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Арс: Ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн ӕмӕ мӕ лӕппыны дӕр ӕрбакӕндзынӕг!
(Арс ацыд)
Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл,
Тулы-тулы, уыны, гӕппытӕ кӕны хъӕды урс тӕрхъус.
Тӕрхъус: Дӕ бон хорз, зындгонд тымбылӕг!
Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?
Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,
Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.
Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,
Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!
Тӕрхъус: Ура! Мах тӕрхъусты нӕ ферох кодтой!
Мах заз бӕласмӕ ӕрбахуыдтой!
Тӕрхъусты зарӕг
Митыл бадынц урс тӕрхъустӕ,
Тилынц тӕрхъустӕ сӕ хъустӕ,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тилынц тӕрхъустӕ сӕ хъустӕ.
Сӕ гӕккытӕ басыдысты –
Тӕрхъустӕ ӕркафыдысты.
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тӕрхъустӕ ӕркафыдысты.
Тӕрхъустӕ кӕнынц гӕппытӕ,
Гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕпп, гӕппытӕ,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Тӕрхъустӕ кӕнынц гӕппытӕ.
Уалынмӕ фӕзынди бирӕгъ,
Нӕ тӕрхъустӕ фесты лидзӕг,
Мӕнӕ афтӕ, мӕнӕ афтӕ
Нӕ тӕрхъустӕ фесты лидзӕг.
(Рацӕуы рувас)
Рувас: Ӕз ныртӕккӕ сымах иууылдӕр ӕрцахсдзынӕн
Мӕнӕ дӕу, зылындзаст, райсдзынӕн дӕ мӕхицӕн хӕдзармӕ!
(Сырдтӕ алыгъдысты ӕмӕ бандӕттыл сбадтысты, рувас та тӕрхъусимӕ ацыдысты заз бӕласы фӕстӕмӕ)
Хъомылгӕнӕг: Никӕмӕй хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрсы. Чи нын баххуыс
кӕндзӕн тӕрхъусы фервӕзынкӕнынмӕ? Ӕвӕццӕгӕн
Митын Дада?
Митын Дада, чи зоны, ды нын баххуыс кӕнай ӕрбакӕнын
Тӕрхъусы? Науӕд нын хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрхъусы
Аласта йӕхимӕ хъӕдмӕ.
Митын Дада: Куыд нӕ уын баххуыс кӕндзынӕн!
Ныртӕккӕ ӕз тымыгъ сисдзынӕн,
Бӕлӕстӕ уӕхи ныггуыбыр кӕнут,
Цыдӕриддӕр ис мӕ хъӕды,
Урс мирӕй уӕ байдзаг кӕндзынӕн.
(Хъуысы тымыгъы фонограммӕ. Митын Дада йӕ къухтӕ йӕ былтӕм бакӕны ӕмӕ заз бӕласыл фу кӕны)
(Рувас ралидзы)
Рувас: Уӕй, уӕй, Митын Дада,
Ныссӕлын мын кодтай ды мӕ фындз!
(Сывӕллӕттӕм дзуры)
Сымах рувасӕн фӕтӕригъӕд кӕнут,
Бурхилы дзӕмбытӕ схъарм кӕнут.
Митын Дада: Ды ма тӕрхъусы смӕсты кӕндзынӕ? (Нӕ).
Куыд хъуыды кӕнут сывӕллӕттӕ, фӕтӕригъӕд кӕнӕм
рувасӕн? (О).
Бауадзӕм ӕй Ногбоны заз бӕласмӕ? (О).
Ды дӕр тӕрхъус махимӕ баззай бӕрӕгбоны.
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, сбад ӕмӕ уал аулӕф. Ныр та байхъусӕм нӕ
Сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕтӕм.
« Ног аз »
Ног аз махмӕ хъӕлдзӕгӕй,
Рбавӕрдта йӕ къах.
Митын Дада лӕдзӕгӕй
Рхоста уӕлӕ рагъ.
Цас у ныр мӕ циндзинад,
Уымӕн нӕй зӕгъӕн!
Зӕрдӕ цинӕй – йемыдзаг,
Амонд бацыд мӕн.
Калы арв ӕрттывдтытӕ
Бӕстӕ ссис тӕмӕн.
Амонды цӕстысыгтӕ
Бацагайдтой мӕн.
Ног азы дзӕнгӕрджытӕм,
Ды мӕн хуызӕн хъус.
Фарн нӕ Иры цӕрджытӕн
Не рхӕсдзысты цъус.
« Заз бӕлас »
Абон та циндзинад зӕрдӕтыл хизы,-
Урсфӕрдыг стъалы нӕ сӕрмӕ ыссыгъд.
Цинӕфсӕст заз бӕлас рухс фарнӕй ризы,
Ногӕй та зӕрдӕтӕм Ног аз ӕрцыд.
Ног азы амондӕн зарджытӕ систӕм,
Ноджы рӕсугъддӕр куыд кӕна нӕ цард.
Заз бӕлас – зӕрдӕты цины ӕвдисӕн,-
Раттӕм кӕрӕдзийӕн уарзондзинад.
Дун — дуне абон йӕ цинтимӕ мах у,
Заз бӕлас – цинхӕссӕг – дардмӕ кӕсы.
Ме мбӕстаг, ме мзӕххон, хъӕлдзӕгӕй бахуд,-
Ног аз нын уарзонау амонд хӕссы.
Цинӕфсӕст заз бӕлас махимӕ кафы,
Цины цырӕгътӕй – йӕ бахудт, йӕ каст,
Алчидӕр райсдзӕни Ногбоны арфӕ,
Базондзӕн алчидӕр цин ӕмӕ уарзт.
« Заз »
Ног азмӕ сфӕлдыстам
Диссаджы заз.
Уӕртӕ — ма: сабитӕй
Байдзаг йӕ раз.
Кафӕм мах й алыварс,
Гъӕтт – мардзӕ, цырд!
Уалынмӕ Митын лӕг
Худгӕ фӕзынд.
Бадзуры зачъеджын:
Фӕдджи рӕвдз дар!
Алкӕмӕн хордзенӕй
Сисы лӕвар.
Ратта мын замманай
Атомон нау,
Науыл ӕрзилдзынӕн
Фурды лӕгау.
« Нӕ наз бӕлас »
Нӕ цъӕх наз бӕлас,
Кӕцӕй фӕзындтӕ!
Нӕ зӕрдӕ барухс
Дӕ конд, дӕ уындӕй.
Бӕрӕгбон хуыз дӕ,
Рӕсугъд – дӕ арӕзт,
Ӕрттивагджынтӕй
У ныр дӕ дарӕс.
Дӕ фӕрдгуытимӕ
Куыд хорз фидауыс!
Дӕ хъазӕнтимӕ
Цӕхӕртӕ калыс.
Чызгӕй лӕппуйӕ
Дӕ фӕрсты зилӕм,
Кӕрон дӕр нал ис
Нӕ хъазт, нӕ цинӕн.
Ӕгас ӕрцӕуай,
Нӕ цъӕн наз бӕлас!
Ды нӕм ӕрсайдтай
Хъӕлдзӕгӕй Ног аз.
« Зымӕг »
Чи сахуырста ссадӕй
Хӕхтӕ ӕмӕ хъӕд?
Чи йӕ ныппырх кодта
Уӕрӕх фӕзты уӕд?
Уый ыссад нӕ байтыд,
Фӕлӕ та нӕм тагъд
Фаронау йӕ рады
Хъал зымӕг ӕртахт.
Урсзачъе зӕронд лӕг
Урс бӕхӕй ӕрхызт,
Йемӕ нын ӕрхаста
Зымӕджы фӕлыст.
Рудзгуытыл ныффыста
Диссаджы нывтӕ,
Иу къухӕй ӕрцагъта
Бӕлӕсты сыфтӕ.
* * *
Ног аз, Ног аз, фӕрнӕйдзаг Ног аз,
Хӕссыс нын ног цин, хӕссыс нын ног уарзт,
Хӕссыс нын амонд, хӕссыс нын арфӕ
Дӕ уарзт рӕвдыдӕй мах зарӕм, кафӕм.
* * *
Ӕрхӕццӕ Ног аз дард бӕстӕй ӕрттивгӕ,
О, рацу мидӕмӕ уӕндонӕй!
Дӕ къах нӕм фарнимӕ ӕрбавӕр
Дӕуыл мах цин кӕнӕм ӕмзондӕй.
Ӕрбацу рӕвдздӕр алкӕйы хӕдзармӕ
Ӕрхӕс нӕм бирӕ амонды хӕзнатӕ-
Ӕрмӕст — иу зӕронд азы ма фау!
* * *
Заз бӕлас, заз бӕлас
Алы аз нӕм цу ӕгас
Бирӕ уарзынц сабитӕ
Дӕ цъӕх-цъӕхид къалиутӕ.
Митын Дада, мах дӕ уарзӕм
Алы бон нӕм цу ӕгас.
Бирӕ уарзынц сабитӕ
Дӕ дзӕкъулы адджынтӕ.
* * *
Зымӕг, карз зымӕг
Хӕхтӕй рауырдыг.
Хурты хурзӕрин
Махмӕ нал уӕнды.
Тар фӕнык хуыз арв
Хуры бамбӕхста.
Мит гӕлӕбутӕй
Бӕстӕ бамбӕрзта.
* * *
Зымӕг нын ӕрхаста,
Зазы къалиу фарнӕй.
Митын лӕг ныссагъта,
Урс фӕзӕн йӕ астӕу.
Хъазӕм мах йӕ цуры-
Зарджытӕ фӕкӕнӕм.
Митлӕгмӕ фӕдзурӕм
Йӕ алыварс фӕкафӕм.
* * *
Азы фӕдыл уайы аз
Амонд ӕмӕ хорзӕхӕн.
Цас дӕ уарзӕм, Ногбон, цас,
Уый нын нӕу ӕнцон зӕгъӕн!
Тынг фӕмысыдыстӕм дӕу
Рухс уалдзӕгӕй уазалтӕм.
* * *
Зӕронд аз махӕй фӕндараст
Ног аз нӕм буцӕй цӕуӕд.
Ног азы хур нӕм ӕрбакаст
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
Хъомылгӕнӕг: Митын Дада, дӕу тыххӕй дӕр азардзыстӕм зарӕг.
Азарыдыстӕм « Заз бӕласӕн », « Тӕрхъустӕн » ныр та
дӕу тыххӕй азардзыстӕм, байхъус нӕм, дӕ хорзӕхӕй.
Зарӕг « Митын Дада »
Митын Дада, Митын Дада,
Цу нӕм алы бон ӕгас!
Митын Дада, рахӕс демӕ
Сывӕллӕттӕн заз бӕлас.
Заз бӕласыл – гагадыргътӕ,
Хуртӕ, стъалытӕ мӕ мӕй.
Заз бӕласыл – хъазӕн мӕргътӕ -,
Хъзӕнт къалиутыл фӕрнӕй.
Митын Дада, Митын Дада,
Цу нӕм алы бон ӕгас!
Ирыбӕстӕн алы хатт дӕр
Амондджын куыд уа йӕ аз!
« Чызджыты кафт »
« Хӕдзаронтӕ »
Ирон рагон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ Ног аз куы ӕрцӕуы, уӕд уыцы ӕхсӕв цӕуынц хӕдзаронтӕ. Хӕдзаронтӕ алы хӕдзармӕ дӕр бахойынц, базарынц ӕмӕ хӕдзары хицау байгом кӕны дуар.
Хӕдзаронтӕ бацӕуынц ӕмӕ райдайынц зарын. Хӕдзаронтӕ фӕзарынц, цӕмӕй сын Ног аз ӕрхӕсса бирӕ хорздзинӕдтӕ: ӕнӕниздзинад, хъӕлдзӕгдзинад, бӕркад, амонд. Сӕ фыдбылызтӕ зӕронд азы куыд баззайой ӕмӕ сын Ног аз хорздзинӕдтӕ куыд ӕрхӕсса.
Уыцы рагон ӕгъдау абоны уӕнг дӕр ӕрхӕццӕ махмӕ. Ӕмӕ бирӕ сывӕллӕттӕ уынгты хӕдзаронтӕ, — хӕдзаронтӕ заргӕ фӕцӕуынц. Уый у хорз ӕгъдау, рӕсугъд ӕгъдау. Хъӕлдзӕгдзинад хӕссы алы хӕдзарӕн дӕр.
« Нӕуӕг боны зарӕг »
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм дӕрдбӕлццонтӕ…
Ӕддӕмӕ – ма сӕм ракӕсут!
Уӕ мӕсыгмӕ сӕ бакӕнут!
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм нӕуӕг бӕнтӕ…
Уӕ алы аз дӕр хорзӕй уынат!
Уӕ фидӕнмӕ фӕрныгдӕр уат!
Уӕ лӕг уын саг куыд амара!
Уӕ ус уын тыр куыд ныййара!
Хъӕу – фаг куывд уӕм куыд ӕрцӕуа!
Уӕ басылы къус мӕн куыд фӕуа!
Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ!
Фӕцӕуынц уӕм нӕуӕг бонтӕ!
Фӕхӕссынц уын нӕуӕг хӕрзтӕ
Фыццаг хӕрзтӕй хуыздӕр хӕрзтӕ!
« Хӕдзаронты арфӕтӕ »
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Ӕнӕмаст, ӕнӕфыдбылыз, зӕрдӕрухсӕй куыд цӕрат. Уӕ фыдбылызтӕ зӕронд азы куыд баззайой.
Ног аз та уын амонд куыд ӕрхӕсса!
Ног аз уын ног хӕрзтӕ ӕрхӕссӕд! Ирон адӕмӕн, ӕппӕт дунейы дзыллӕтӕн дӕр сӕ фыдбылызтӕ, сӕ низтӕ зӕронд азы куыд баззайой. Зӕронд азы цы хорздзинӕдтӕ уыд, уыдон та нын ног азмӕ куыд рахизой.
Ног аз ӕмӕ уӕ Цыппурсы хорзӕх уӕд! Ӕнгом, фӕрнджын хъӕубӕстӕ стӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй, амондӕй ӕфсӕст цы уӕм, ахӕм амонд хӕссӕг фӕуӕд Ног аз!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд! Ӕрхӕссӕд уын ног хӕрзтӕ, амонд, бӕркад, сабырдзинад.
Хъӕлдзӕг Ног азтӕ ӕрвитут!
Ирыстоны цӕрджытӕ!
Зӕрдӕбын арфӕтӕ уын кӕнын Ног азы боны фӕдыл. Ӕнӕниз, амондджын ӕмӕ фӕрнджын ут!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, слӕууӕм ма нӕ заз бӕласы цур ӕмӕ йын
азарӕм.
« Заз бӕлас » (Заз ӕмӕ сабитӕ)
Ды нӕ заз бӕлас,
Матӕрс, матӕрс уазалӕй,
Мах ӕсхъарм кодтам
Дӕу нӕ зарджытӕй.
Худгӕ стъалытӕ,
Бирӕ, бирӕ хъазӕнтӕ
Мах дӕ къалиутыл
Абон сауыхтам.
Ноджы акӕсут
Махмӕ, махмӕ рхӕццӕ у
Урс зӕронд дада
Хъарм кӕрцы тыхтӕй.
Уый ныр хъазынтӕ
Немӕ, немӕ райдыдта
Немӕ райдыдта,
Ам дӕ алы фарс.
Сценарий праздника ногбоны барагбон
« Ногбоны бжржгбон»
Иуактон пьесж
Архайджытж :
Жфсин
Лжппу
Хждзары хицау
Хждзаронтж
Снегурочка
Фжндырцжгъджг
Доулист
Декорацитж :
къона
стъол
тъахтин
Райхъуысы музыкж, сценж байгом.
Архайд цжуы ирон хждзары. Жфсин архайы пецы ужлхъус,кжны чъиритж.
Йж алыварс разил- базил кжны гыццыл лжппу.
Сыв. – Гыцци, цы кусыс?
Жфс.- Мжнж бжржгбонмж жртж кжрдзыны кжнын, мж хъжбул.
Сыв. Цавжр бжржгбон, гыцци?
Жфс.- Ногбоны жхсжв, мж гыццыл хур.
Сыв. – Ногбон та цавжр бжржгбон у?
( Ам сценжйыл архайд цжуы сж ныхас нж хъуысы , афтжмжй.
Снегурочка залы цы сывжллжттж ис, уыдонимж кусы)
Снег. – сымахжй та чи зоны цавжр бжржгбоны кой кжнынц нж архайджытж?
( залы чи бады , уыдон дзуапп джттынц. Сж раст дзуаппжн сын снег. джтты деда. Куы фесты куыст залимж, ужд дардджр сценжйыл цжуы архайд )
Жфс.- Иу аз иннжйы ивынмж цы жхсжв жрбацжуы, уый бжржг жхсжв вжййы, хонынц жй
ногбоны жхсжв. Скжнынц чъиритж, дедатж.
Сыв.- Гыцци, дедатж та цы сты?
Жфс. –Уыдон та адджын гуылтж.
Сыв.- Мжн джр хъжуы ахжм адджынтж.
Жфс. – Гыццыл фжлжуу, ныртжккж цжттж уыдзысты.
Сыв.-Бирж ма сж хъжуы? ( фжцжуы иуварс)
Жфс.- Нал , рауай жз дын авжрон дж хай. Кжм дж , кжм?
Сыв. –Ам джн, ам. Мжнж ма цжй стыр сты! Гыцци, Сжрмжтжн джр скодтай?
Жфс.- Уждж! Сжрмжтжн джр скодтон жмж ма ноджы бирж скодтон.
( Жрбайхъуыст уынгжй хждзаронты заржг, фжндыры цагъд. Хждзары хицау рацжуы. Жфсин сж размж рацыд.)
Хждзаронтж,хждзаронтж,
Уж алы аз уыл хорзжй цжуа,
Уж сждж фиджн хорзжй фенат,
Уж лжг саг амара,
Уж ус тыр ныйара,
Уж басылы къух мжн фжуа!
Хждзаронтж, хждзаронтж!
1-аг уазжг( Кумал) — Фарн ацы хждзары!
2-аг уазжг( Моур) — Ног аз ужм ног хорздзинждтж жрхжсса!
Жфсин — Фарны къах жрбавжрат, фарны къах! Миджмж рахизут!
1-аг уазжг( Кумал) — Миджмж цжугж стжм , миджмж
Хждз. хицау – Жфсин ,ацы уазджытж хорз фенинаг сты!
Жфсин – Цжттж джн, цжттж.
( уазджытжй иу ахауы ужлгоммж)
Хждз. хицау — Ужллжй нж уазджытж, уе мбжлттжй иу рынчын у.
Уаздж.(Засеева) -Жллжх, цыджр кодта! Хос кжнын ын хъжуы, хос !
Хждз. Хицау — Кжм дж , не фсин , уазжгжн хос рахжсс ржвдзджр!
Жфсин — Ныртжккж, ныртжккж, йж фжхъау фжуон! ( худынц)
( ус рахжссы адджинжгтж , деадтж. Рынчын сж куы фены, ужд рабады)
Уахзжг (Засеева) — Мжнж- ма дуне адджинжгтж , диссаджы дедатж.
Уазжг(чи ахауди) Жнхъжлджн фжхорз джн! ( сысты)
Хждз.хицау – рынчын иугжр адзжбжх, ужд ын йж цжржнбоны тыххжй ракувын хъжуы,
фынгмж жрбахжстжг кжнут.
(Фынг рахжссы жфсин уазджытж хистжртж бацжуынц, бадгж нж кжнынц).
Хждз. хицау – Хуыцау. Стыр Хуыцау! Табу джхицжн!
Жппжт дуне рафжлдисжг дж,жмж нж дж хорзжх ужд!
Ирон аджмыл ног азы ржстырджм куыд аудай!
Иумж Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Ибрагим ) – Ног азы нж сабитж – де уазжг!
Жвзжндаджы Уастырджи, табу джхицжн!
Иумж Аммен, Хуыцау!
Хждз.хицау — Дж рахиз базыры бын сж бакжн!
Фыдбылызжй сж бахиз!
Иумж Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Арсен) – О Хоры Уацилла жмж Фоссы Фжлвжра,
Реком жмж Мыкалгабыртж, табу ужхицжн!
Иумж Аммен, Хуыцау!
Хждз. хицау — Цы зждтж жмж дауджытж ферох кодтам, табу уыдонжн!
Чи ацахода , уый цжржнбон- бирж!
— Не фсин , мжнж Жртхурон Донскъжфжнтжм бафснай.
Снег. _ Сывжллжттж, зжгъут-ма цы зонут Жртхуроны тыххжй?
— Донскъжфжнтж та кжд вжййынц?
(Ракувынц Жртхуронжй. Жвналгж йжм нж кжнынц. Ныууадзынц жй Донскъфжнтжм. Йж миджг ын бавжрынц жхца жмж къуымбилы бындзыг. 19 январы йж адихтж кжнынц, жхца кжмж бахауа, уый уыдзжн жхцаджын, къуымбил кжмж бахауа, уый та — фосджын)
Хждз. хицау Хорз аджм, уж алы бжржгбон джр уыл жнжниз жмж дзжбжхжй цжужд!
Кжстжртж, хъазт ацаразут! ( фжсивжд иу дыууж кафты акжнынц)
Жфсин – Нж абоны бжржгбоны дедатжй алкжй джр хъуамж фжуа хай.
( байуары залы чи бады, уыдонжн)
Снегурочка залы чи бады , уыдонжн уары дедатж .
15
Ф?сурокты куыст.
(2-?м къласы)
Тем?: Ног бон.
Ахуырг?н?г:Гаппуаты З.А.
Нысан:Скъоладзауты базонг? к?нын Ирон ад?м куыд б?р?г кодтой Ног бон,уыим?.
С?вз?рын к?нын скъоладзаут?м хъ?лдз?г ?нкъар?нт?.
Ахуырг?н?г:Аф?дзы д?ргъы цы стыр б?р?гб?тт? в?ййы,уыдон?й иу у Ног бон, ?пп?ты р?сугъдд?р ?м? хъ?лдз?гд?р.
Алы х?дзар д?р саразы заз б?лас, ск?нынц басылт? ?м? с? ф?д?ттынц арф?т?м цы сыв?лл?тт? ф?ц?уыц, уыдон?н.
Сыв?лл?тт? ф?ц?уынц Ног бонты бир?й?,иум? алы х?дзарм?д?р ?м? ф?к?нынц х?дзаронт?. Х?дзаронт? ирон ад?мм? кодтой тынг раджы, ?м? ма с? абон д?р к?нынц. Уыдон мА ф?хонынц басылгурт? д?р.
Раджы, иу хъ?уггаг л?ппут? с? ц?сг?мттыл скодтой хи конд маск?т?,?м? афт?м?й зылдысты х?дз?рттыл, х?дзаронты зар?г зарг?й?.
Махм? абон ис х?дзаронт? (х?дзаронт? зарг?й? ?рбахизынц мид?м?).
Х?дзаронт?-х?дзаронт?
Ф?ц?уынц у?м ?ддагонт?
?дд?м? ма с?м рак?сут
У? м?сыгм? н? бак?нут
Х?дзаронт?-х?дзаронт?
Ф?ц?уынц у?м н?у?г бонт?
Ф?х?ссынц уын ног ам?ндт?.
Ахуырг?н?г:
Мид?м? н?м рац?ут
Арф?т? нын рак?нут.
Митын Дада:
М? к?стрт?-н? ц?р?ццаг
Чызджыт? ?м? л?ппут?!
Сымахм? у н? каст
Сымахм? у н? дзырд
Уе пп?ты д?р н? р?ст?джы
Хорз?х?й хайджын ут!
У? мад?лты ф?ндиа гбайр?зут
У? ног аз уыл к?дд?ридд?р
Хъ?лдз?г?й ц?у?т.
1 ахуырдзау:
Д?л? сых?й-у?л? сыхм?
Н? арф?т?, н? куывд
?н?низ?й, с?р?гас?й
?пп?т х?рзт?й р?вдыд.
2 ахуырдзау.
Н? л?ппут? х?рз тырынт?
Н? чызджыт? ?хсин
Н? мад?лт?, н? фыд?лт?
Б?рка дарм?й ?фсин.
Иум?:
З?ронд азим? у? низт?,
У? рынт? хъ?дм? алидз?нт
Ног азы хорз?х?й байр?зут.
Ахуырг?н?г:
Басылгурт? с? хъ?л?ст? ивтой, дзырдтой б?зджын хъ?л?с?й с?хи хист?рхуыз кодтой, ц?м?й с? мачи базона. Алк?й къухы д?р с? уыдис л?дз?г, й? роны та с? алк?м?н д?р хъ?дын хъама. Х?дзаронт? иу кафыдысты, кафг?-кафын иу ф?быц?у сты ?м? иу самадто йхыл, хылы р?ст?г иу дзы мард?й ахаудтой. Аххосджын иу дзы чи уыд,уый иу маст кодта. Фысым иу ын й? зыны ф?дыл ф?т?ригъ?д кодта ?м? иу ?й бафарста.
Сценк?,фысымы ролы хъазы МитынДада.
Митын Дада. Мард?н ф?ст?м? райгасг?н?н нал ис?
Исын иу хос, ф?л? уый д? къухы ис.
Митын Дада.Цав?р хос у?
Басылыгуриу загъта: ?ри нын иу абаз ?м? райгас уыдз?н. ?хца иу куы райста, у?д иу кафын райдыдта «марды» алыварс иуцалд?р зылды ?ркодта, ст?й- иу ын ?хца ас?рф-бас?рф кодта,?м? иу мард райгас.
Ой! Куыд бир? ф?фын?й кодтон! Загъта ?м? иу сыстад.Уый ф?ст?-иу басылгурт? райдыдтой кафын Ирон кафт.
Митын Дада.Кафын хорз зонут,ф?л? мА мын равдисут чи у? тыхджын д?р у,уый.
(Хъ?стыт?:у?хст?й хъазт,б?нд?н ивазын).
Ахуырг?н?г.
Х?дзаронт?-иу кафыдысты,ст?й иу сын фысымт? радтой басылт? –Ногбоны гуылт?.Уыдон кодтой хысс? й?,алыхуызон сырдт? ?м? х?дзары фосы хуызт?.Ноджы ма сын л?в?рдтой алыхуызон адджин?гт?.Уый ф?ст? иу х?дзаронт? ацыдысты,ф?л? с?м фысымты сыв?лл?тт? ?нхъ?лм? кастысты къ?с?рыл ?м? сын архайдтой с? маск?т? ратонынм?.Афт?м?й х?дзаронт? цыдысты райсомм? иу х?дзар?й инн? х?дзарм?.
Ахуырг?н?г.
Сыв?лл?тт?,абон д?р мах?н у б?р?гбон, иу б?р?гбон д?р ?н? зар?г н? в?ййы ?м? азар?м зар?г «Заз б?лас».
Митын Дада.
Нырт?кк? цав?р афон у ?Радзур?м ма зым?джы тыхх?й ?мдз?вг?т?й иу цалд?р.
Заз.
Ног азм? сф?лыстам
Диссаджы заз.
У?рт? мА сабит?й
Байдзаг й? раз.
Каф?м мах й? алыварс,
Гъ?тт-мардз?, цырт!
Уалынм? Митын Л?г
Худг? ф?зынд.
Бадзуры зачъеджын:
-ф?ччи р?вдз дар!-
Алк?м?н хордзен?й
Сисы л?вар.
Радта мын замманай
Атомон нау.
Науыл ?рзилдзын?н
Фурды,л?гау.
Зазб?лас.
Зазб?лас,зазб?лас,
Каф?м мах д? алыварс.
Кафы т?рхъус,кафы арс,
Кафы хин?йдзаг рувас.
Митын Дада урс к?рцы
Сабиты къухтыл х?цы.
-Радзурут-ма мын у? н?мтт?,
Байуарон уын ?з л?в?ртт?.
-Ног аз!Ног аз!
Ног азы хорз?х у? у?д!
-Ног аз! Ног аз!
Ног ам?ндт? уын х?сс?д!
МитынДада. Сыв?лл?тт?,базонут-ма мын уыци-уыцит?.
1.Хурм? з?хх ?ртавы цъус
Быдыр мит?й дары урс
Уазал дымг? у тызм?г
Уый та н?ма ?рцыд… (зым?г)
2.Ц?й-ма базон ?м? з?гъ
Урс к?д ф?дары н? з?хх. (зым?г)
3.Й? уынд р?сугъд у
Б?мб?гау пух
?рм?ст дзы уазал
Ф?к?ны къух. (мит)
МитынДада.Ах?м р?сугъд хъ?лдз?г бон цин к?нын хъ?уы, кафын.
Ахуырг?н?г.Ног бон ?хс?в ма иу алы бинонт?
Скодтойд ынджыр арт, ц?м?й аф?дз?й аф?дзм? н? цардрух с?м? хъарм уа. Арт иу сыгъд куы ф?цис,у?д иу хист?рт?загътой: »Уадз афт? басудз?нт н?фыдбылызт?, н? низт?.»
Сымах ?нд?р у?ц?р?н бонт? бир? у?нт, хорз н? бахъ?лдз?г кодтат. Х?рзбон.